Украинӕйы сӕрмагонд операцийы хайадисæг цæгатирыстойнаг бархионтæн фæзынд танкон дæлхайад

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæСæрмагонд æфсæддон операци
Сæрмагонд æфсæддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон бархионтæн кæй фæзынд танкон дæлхайад.
"Никæй уырныдта, фæлæ йæ сарæзтам! Батальон "Алания"-йæн ныр ис танкон дæлхайад", - ныффыста Меняйлойæ Telegram-каналы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0