Джусойты Сослан: Стыр Фыдыбӕстон хӕст уыд егъау трагеди, уӕлдайдӕр та ирон адӕмӕн

Джусойты Сослан: Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕст уыд трагеди сӕрмагондӕй ирон адӕмӕн
Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты райдианӕй рацыд 81 азы, ацы бон мысынц уыцы тугамӕхст трагедийы амӕттӕгты. Ӕхсӕнадон архайӕг Джусойты Сосланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм хӕстӕн рохгӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ амӕттӕгты нымӕц дӕсгай милуанӕй хизы.
"Ӕрмӕст Советон Цӕдисы фӕхъуыд 26 милуан адӕймаджы уыцы хӕсты, Герман уыд агрессор ӕмӕ уым дӕр 10 милуаны бӕрц фӕцух, фӕлӕ ӕнӕхъӕн дунейы цас адӕймаг фӕмард, уый зын зӕгъӕн у", - загъта Джусойты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕсты фӕстӕ "Европӕ куыд континет ӕнӕхъӕнӕй пырх ӕрцыд ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг европӕйаг политиктӕн хӕст уыд фобия".
"Уыцы хӕст уыд стыр трагеди, раздӕры Советон Цӕдисы адӕмӕн, уӕлдай дӕр та ирон адӕмӕн. Ирӕттӕй дзы цас фӕхъуыд, уый зонӕм, ӕнӕхъӕн бинонтӕ-иу дзы бабын сты, зӕгъӕм Гӕздӕнты ӕфсымӕрты хабар. Мах чысыл наци стӕм ӕмӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъуамӕ нӕхи ӕвӕрӕм", - банысан кодта ӕхсӕнадон архайӕг.
Уый бахахх кодта, хӕст расидджытӕ кӕй нӕ фӕзонынц, цы фӕстиуджытӕ уыдзӕн кӕронбӕттӕны, уый.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0