https://sputnik-ossetia.com/20220622/khitsauady-nog-adam-kay-nysan-kanynts-khussar-iry-barnon-bynattam-17290734.html
Хицауады ног адӕм: кӕй нысан кӕнынц Хуссар Иры бӕрнон бынӕттӕм
Хицауады ног адӕм: кӕй нысан кӕнынц Хуссар Иры бӕрнон бынӕттӕм
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй фидар ӕрцыдысты дыууӕ районы администрацийы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ... 22.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-22T16:24+0300
2022-06-22T16:24+0300
2022-06-23T11:52+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
политикӕ
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/41/8494105_0:319:3073:2047_1920x0_80_0_0_ccf59acae83792a5d88b412e54b7a652.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй фидар ӕрцыдысты дыууӕ районы администрацийы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ дыууӕ министры.Дзауы ӕмӕ Знауыры районты разамынд сӕ дӕлбар бакодтой амалиуӕггӕнджытӕ. Хицауады вице-премьер ӕмӕ экономикон райрӕзты министры бынаты фӕстӕмӕ сфидар кодтой Тадтаты Дзамболаты. Уымӕ гӕсгӕ коллектив райста сӕ ног зӕронд къухдариуӕггӕнӕджы.Уымӕй дарддӕр ног адӕймаг бацыд культурӕйы министрадмӕ - уагдоны сӕргълӕууӕгӕй нысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Зӕгъойты Рада. Ацы уагдонӕн фӕстаг ӕзты ис сылгоймаджы цӕсгом. Ныр ӕртӕ ӕмгъуыды фӕд-фӕдыл кусынц министртӕй сылгоймӕгтӕ - Зассеты Жанна ӕмӕ Остъаты Мӕдинӕ. Зӕгъойты Радайӕн нырмӕ йӕ кусӕгон биографийы ис газет "Республика"-йы куыст, ССГ, драмтеатр ӕмӕ телеуынынады архайд уацхӕссӕг ӕмӕ уагдоны разамонӕгӕй. Ног министр ныфс дӕтты, йӕ бӕрны йын цы уагдон бакодтой, уый раразмӕ кӕнынӕй.Президенты барамындӕй ма дыццӕджы фидар ӕрцыдысты Знауыр ӕмӕ Дзауы районы разамонджытӕ. Ног хицӕуттӕн административон бынӕтты куысты фӕлтӕрддзинад нӕй, фӕлӕ сӕхицӕн скодтой ӕнтыстджын бизнес.Знауыры районы ног къухдариуӕггӕнӕг Гобозты Алан йӕ районы рагӕй архайы фосдарды куысты. Йӕ фермерон хӕдзадады ис маргъ, ставдкъах фос ӕмӕ урсаджы рацарӕзты цех. Бынӕттон продукцийӕн Цхинвалы ис дукани дӕр. Амалиуӕгдары куыстыл Sputnik фыста цалдӕр азы размӕ."Нырма хъуамӕ базонгӕ уон районы уавӕримӕ. Уымӕй размӕ дӕр ӕмбӕлдтӕн адӕмимӕ ӕмӕ мын сӕ проблемӕтӕ сусӕггаг не сты - дон, рухс, фӕндаг ӕмӕ куысты бынӕттӕ", - загъта Sputnik Гобозты Алан.Дзауы районы администрацийы сӕргъ та слӕууыд Тыбылты Ванда. Сылгоймаджы ном хъуыстгонд у ӕртаджы бизнесӕй. Амӕй размӕ бӕрнон бынӕтты никуы куыста, фӕлӕ уымӕн дӕр бантыст саразын ӕнтыстджын бизнес."Бӕрнон бынатмӕ никуы тырныдтон, фӕлӕ мын Гаглойты Аланы хъуыдытӕ паддзахады размӕцыды фӕдыл ӕввахс сты ӕмӕ ацы бӕрнон райстон мӕхимӕ. Ӕнӕ уый та Дзауы цӕрын мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ кӕнинаг цы ис, уыдон хорз зонын", - загъта Sputnik Тыбылты Ванда.
https://sputnik-ossetia.com/20181010/7292235.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/41/8494105_0:0:2729:2047_1920x0_80_0_0_30c177a52385d88930a728378b938b61.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, политикӕ, хицауад
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, политикӕ, хицауад
ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй фидар ӕрцыдысты дыууӕ районы администрацийы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ дыууӕ министры.
Дзауы ӕмӕ Знауыры районты разамынд сӕ дӕлбар бакодтой амалиуӕггӕнджытӕ. Хицауады вице-премьер ӕмӕ экономикон райрӕзты министры бынаты фӕстӕмӕ сфидар кодтой Тадтаты Дзамболаты. Уымӕ гӕсгӕ коллектив райста сӕ ног зӕронд къухдариуӕггӕнӕджы.
Уымӕй дарддӕр ног адӕймаг бацыд культурӕйы министрадмӕ - уагдоны сӕргълӕууӕгӕй нысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Зӕгъойты Рада. Ацы уагдонӕн фӕстаг ӕзты ис сылгоймаджы цӕсгом. Ныр ӕртӕ ӕмгъуыды фӕд-фӕдыл кусынц министртӕй сылгоймӕгтӕ - Зассеты Жанна ӕмӕ Остъаты Мӕдинӕ.
Зӕгъойты Радайӕн нырмӕ йӕ кусӕгон биографийы ис газет "Республика"-йы куыст, ССГ, драмтеатр ӕмӕ телеуынынады архайд уацхӕссӕг ӕмӕ уагдоны разамонӕгӕй. Ног министр ныфс дӕтты, йӕ бӕрны йын цы уагдон бакодтой, уый раразмӕ кӕнынӕй.
"Ныфс мӕ ис, национ культурӕйӕн йӕ цард чи снывонд кодта, уыдон ӕххуысӕй. Ӕппӕт уыцы адӕмы фӕрцы, кӕцытӕ алы рӕстӕг дӕр размӕ кодтой ирон культурӕ се 'сфӕлдыстадӕй. Стыр ныфс ма мӕ ис фӕсивӕдӕй дӕр. Нӕ бон суыдзӕн", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕджы Зӕгъойты Рада.
Президенты барамындӕй ма дыццӕджы фидар ӕрцыдысты Знауыр ӕмӕ Дзауы районы разамонджытӕ. Ног хицӕуттӕн административон бынӕтты куысты фӕлтӕрддзинад нӕй, фӕлӕ сӕхицӕн скодтой ӕнтыстджын бизнес.
Знауыры районы ног къухдариуӕггӕнӕг Гобозты Алан йӕ районы рагӕй архайы фосдарды куысты. Йӕ фермерон хӕдзадады ис маргъ, ставдкъах фос ӕмӕ урсаджы рацарӕзты цех. Бынӕттон продукцийӕн Цхинвалы ис дукани дӕр. Амалиуӕгдары куыстыл Sputnik фыста цалдӕр азы размӕ.
"Нырма хъуамӕ базонгӕ уон районы уавӕримӕ. Уымӕй размӕ дӕр ӕмбӕлдтӕн адӕмимӕ ӕмӕ мын сӕ проблемӕтӕ сусӕггаг не сты - дон, рухс, фӕндаг ӕмӕ куысты бынӕттӕ", - загъта Sputnik Гобозты Алан.
Дзауы районы администрацийы сӕргъ та слӕууыд Тыбылты Ванда. Сылгоймаджы ном хъуыстгонд у ӕртаджы бизнесӕй. Амӕй размӕ бӕрнон бынӕтты никуы куыста, фӕлӕ уымӕн дӕр бантыст саразын ӕнтыстджын бизнес.
"Бӕрнон бынатмӕ никуы тырныдтон, фӕлӕ мын Гаглойты Аланы хъуыдытӕ паддзахады размӕцыды фӕдыл ӕввахс сты ӕмӕ ацы бӕрнон райстон мӕхимӕ. Ӕнӕ уый та Дзауы цӕрын мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ кӕнинаг цы ис, уыдон хорз зонын", - загъта Sputnik Тыбылты Ванда.