Транскам у ӕхгӕд. Цӕгат Иры уӕлвӕткон уагдон архайы дуркалды фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл

© Sputnik Дуркалд
 Дуркалд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказы автомагистралыл Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад кусы дуры зӕйы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны.
Трассӕйыл цӕрӕн пункт Буронмӕ хӕстӕг ӕдзухон проблемон фадыджы ӕрцыд дуры зӕй. Фӕндагон змӕлд урӕд ӕрцыд дысон ӕхсӕвы.

"Сӕумӕ райсом кусджытӕ бавнӕлдтой фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ. Ӕрцыд 600 кубометры бӕрц дуры зӕй", - загътой Цӕгат Ирыстоны УУМ.

Уым ма бафтыдтой, дуркалдӕй дарддӕр ма уавӕр карз кӕны ног дуркалды тас.
"Куыддӕр фӕндаг расыгъдӕг кӕной ӕмӕ ног зӕйы 'рцыды тас аиуварс уа, афтӕ хуымӕтӕг режимы скусдзӕн Транскам", - загътой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0