Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн, кæцы фæмард Донбассы

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы территорийыл.
Граждайнаг панихидæ ацыд Цхинвалы. Джиоты Маратæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты сæдæгай адæм, сæ нымæцы республикæйы президент Гаглойты Алан, хицауад æмæ парламенты уæнгтæ, афтæ ма 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы минæвæрттæ.
© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
В Цхинвале простились с Маратом Джиоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
"Зын уыд ссарын Маратæй цардуарзæгдæр адæймаг. Уымæн йæ цард нырма разæй уыд. Фæлæ йын ахæм хъысмæт уыд. Нæ фæсивæды хъайтардзинады тыххæй зонынц æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсе æмæ фæсарæнты дæр. Мараты рухс ном рохгонд нæ уыдзæн", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Гаглойты Алан зæрдыл æрбалæууын кодта, абон кæй у Стыр Фыдыбæстон хæсты райдайæны афæдзы бон.
"Абон дæр не ‘мбæстæгтæ тох кæнынц фашистты ныхмæ", - бахахх кодта президент.
Президент мæлæтæй фæстæмæ схорзæхджын кодта Джиоты Мараты майданæй "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн"
© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
В Цхинвале простились с Маратом Джиоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
Джиоты Марат Козаты Владимиримæ фæмард Украинæйы 7 марты. Бархионты æрласын бантыст æрмæстдæр ныр.
Джиоты Маратыл цыд 34 азы.
© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
В Цхинвале простились с Маратом Джиоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Джиоты Маратæн
Ног хабӕртты лентӕ
0