Хуссар Иры премьер ауагъта рабадт Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады делегациимæ

© Пресс-служба правительства Южной ОсетииХуссар Иры премьеры рабадт Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады делегациимæ
Хуссар Иры премьеры рабадт Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады делегациимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ног къухдариуæгад здæхт у Уæрæсеимæ æмгуыстады райрæзтмæ, фехъусын кодта республикæйы премьер-министр Джуссойты Константин Уæрæсейы Федерацийы экономикон райрæзты министрады делегациимæ кусæгон рабадты рæстæджы, хъусын кæны цыппæрæмы хицауады пресс-службæ.
Уæрæсейаг министрады делегаци сæрмагонд программæтæ æмæ проектты департаменты директор Виталий Гудины сæргълæудæй æрцыд республикæмæ æртыццæджы æртæбонон кусæгон балцы.
Джуссойты Константин загъта бузныг уазджытæн, Хуссар Ирыстонмæ стыр цымыдисы тыххæй æмæ бахахх кодта, республикæйы къухдариуæгад стыр аргъ кæй кæны уæрæсейаг коллегæты хайбавæрдæн экономикæйы алы къабазы арæзтад æмæ райрæзтмæ.
Уæрæсейаг делегацийы разамонæг банысан кодта фембæлды ахсджиагдзинад æмæ банысан кодта, цæттæ кæй сты фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ.
"Махæн ис ахсджиаг хæслæвæрдтæ, кæцытыл цæттæ стæм дзурын. Сæйраджыдæр, уыдон сты инвестицион программæ, энергетикæ æмæ паддзахадон службæйы фарстытæ, афтæ ма 2022-2025 азтæм социалон-экономикон паддзахадон программæйы реализацийы фарстытæ, таможнæйон законты гармонизаци", - загъта Виталий Гудин.
Уый фæстæ фарсытæ æрдзырдтой 2020-2022 азтæм инвестицион программæйы реализацийыл, уымæй дарддæр ма 2023-2025 азтæм Инвестпрограммæйы арæзтады фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0