Цхинвалы сæхгæндзысты цалдæр уынджы рауагъдон балы рæстæджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Рауагъдон бал
Рауагъдон бал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) цыппæрæмы æрæхгæндзæн цалдæр уынджы рауагъдон балы тыххæй, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
Рауагъдон бал ацæудзæн столицæйы цыппæрæмы, 23 июны. Мадзал æрæмбырд кæндзæн 500-йæ фылдæр рауагъдоны, афтæ ма горæты æмæ районты скъолаты сæдæмæ æввахс ахуыргæнæджы.
"Цхинвалы рауагъдонтæн бæрæгбонон бал уадзыны фæдыл Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ 23 июны 13.00 сахатæй сæрмагонд барамынды онг сæхгæндзысты цалдæр уынджы. Автотранспорты змæлдыл арæнæвæрдтæ бакæндзысты Сталины - Пушкины, Хетæгкаты Къоста – Тугъанты Махарбеджы æмæ Сталины – Тæболты Сергейы уынгты алвæндæгтыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны æрсидтысты шофыртæм, цæмæй развæлгъау план аразой сæ маршрутæн æмæ æххæст кæной фæндагон змæлды фæтктæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0