Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта 650-æй фылдæр украинæйаг националисты иу суткæмæ

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсад скуынæг кодта 650-æй фылдæр украинæйаг националисты иу суткæмæ
Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта 650-æй фылдæр украинæйаг националисты иу суткæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, авиацийы цæфты фæстиуæгæн иу суткæмæ кæй скуынæг кодтой 650-æй фылдæр националисты.
"Авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийы цæфты фæстиуæгæн иу суткæмæ скуынæг кодтой 650-æй фылдæр националисты, 17 танк æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæ "Смерч"-ы æртæ иуæджы, афтæ ма 17 сæрмагонд хæдтулгæйы", - хъусын кæны министрад.
Уæрæсейы уæлдæфон-космикон æфсæдтæ иу суткæмæ иттæг дырыс ракетæтæй скуынæг кодтой бронетанкон техникæ цалцæггæнæн æртæ базæйы Николаевы районы, фæткдаруаты цыппар пункты, удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæйы æмбырдуаты 18 районы.
ЛАР танкисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Луганскы адӕмон милици йӕ дӕлбар бакодта иунӕг фӕндаг Северскӕй Лисичанскмӕ
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 211 хӕдтӕхӕджы, 132 вертолеты, 1329 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 349 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3750 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 647 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 2088 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3818 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0