Иумӕйаг хъуыды: Гарзджын тыхты минӕвар Ирыстоны хъайтарты ном сӕнусон кӕныны тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБагаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты цырт Цхинвалы
Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рафыссын
ХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъола хӕсдзӕн легендарон офицер, майор Багаты Амираны ном. Хъомыладон фарстыты фӕдыл министры хӕдивӕг Ӕлборты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый уыд иумӕйаг скъуыддзаг.
"Мах тынг бирӕ фӕхъуыды кодтам, цӕмӕй Кадетон скъолайӕн радтӕм нӕ хъайтартӕй иуы ном. Ӕмӕ иузӕрдионӕй скъуыддзаг кодтам, уый кӕй хъуамӕ хӕсса Багаты Амираны ном", - загъта Ӕлборты Игорь.
Багаты Амиран фӕмард 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Ӕлборты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый уыд разысгӕрсты къухдариуӕггӕнӕг, "Хъахъхъӕнынады министрады иууыл раззагондӕр офицер, кӕцы хъайтарӕй фӕмард 2008 азы".
"Ацы инициативӕ раразмӕ кодта нӕ министр Пухаты Владимир", - банысан кодта Ӕлборты Игорь.
Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2018
10 азы фæстæ: Цхинвалы æрбакодтой цыртытæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæтæн
Рауагъдон къласы ахуырдзау кадетты къорд та ӕрвылаз дӕр хӕсдзӕн капитан Джиоты Азӕмӕты ном.
"Ног ахуыры азы райдианы ахуырдзаутӕн радзурдзыстӕм, чи уыдысты ацы адӕм ӕмӕ цавӕр диссаджы хъайтардзинад сарӕзтой, уый", - бахахх кодта министры хӕдивӕг.
Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт фӕмард сты 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн. Знаджы ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ уыдон равдыстой стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ сӕ цард ӕрхастой райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0