Хуссар Иры делегаци ацæудзæн Алексей Востриковы зианмæ

© Telegram / alekseenko_krdАлексей Востриков
Алексей Востриков - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг делегаци майрæмбоны ацæудзæн Краснодармæ, цы ран ацæудзæн вертолетон полкы раздæры командæгæнæг, булкъон Алексей Востриковы зиан.
Алексей Востриков йæ цардæй ахицæн 22 июны 71 азы кары дæргъвæтин низы фæстæ.
"Делегацийы сæргъ лæудзæн фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Дмитрий. Йæ сконды ма сты Хъахъхъæнынады министрад æмæ парламенты минæвæрттæ. Адæмы номæй тæфæрфæсы тел арвыста президент дæр", - фехъусын кодта президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джуссойты Алан.
Уый банысан кодта, Востриковы зиан кæй ацæудзæн сабаты Краснодары, цы ран булкъон цард æмæ куыста.
"Алексей Востриков бахаста егъау хайбавæрд нæ паддзахады арæзтадмæ, æмæ уый раст у, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ кæй ацæудзысты йæ зианмæ. Хъыгагæн, æз мæхæдæг йемæ зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ бирæ фехъуыстон йæ архайды тыххæй 90-æм азты", - бафтыдта Джуссойты Алан.
Алексей Востриков уыд вертолетон полчы командӕгӕнӕг, кӕцы 80-ӕм ӕзтӕй 1992 азы онг уӕвынад кодта Цхинвалы цур. Уый размӕ та хайад иста Афганистаны хӕсты. Уый тынг ӕххуыс кодта Хусар Ирыстоны цӕрджытӕн, арӕзта ӕппӕт дӕр сӕ ӕдасдзинады тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0