Хуссар Иры парламент райста закон ӕвжид ӕмӕ хъусдарды фӕдыл

© Sputnik / Диана КозаеваСоциалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон къамисы сӕрдар Плиты Александр
Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон къамисы сӕрдар Плиты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ӕвджид ӕмӕ хъусдарды фӕдыл законыл. Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон къамисы сӕрдар Плиты Александр куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы законыл куыст цыд цалдӕр азы, ӕмӕ нырма дӕр ӕвзӕрын кӕны фарстытӕ хицӕн уагдӕттӕй.

"Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ӕз ӕнхъарын райсын закон ӕмӕ уый фӕстӕ бахӕс кӕнын бардарджытӕн, цӕмӕй бакусой ӕмӕ райсой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дӕлзаконон акттӕ, цӕмӕй закон куса ӕххӕст бӕрцӕй. Уымӕн ӕмӕ нырма ис фарстытӕ", - загъта Плиты Александр.

Уый бахахх кодта, закон ахсджиаг кӕй у республикӕйӕн ӕмӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй райстӕуа ӕмӕ скуса куыд тагъдӕрӕй.
Закон рагхыгъд кӕны бакӕнын фӕхуымӕтӕггонд фӕтк ӕвджиддар снысан кӕнынӕн ахӕм уавӕрты, кӕд ӕмӕ ӕнахъомтӕн ӕвӕстиатӕй бахъӕуа ссарын хъусдарджыты науӕд та ӕвджиды чи балӕууа, ахӕм адӕймаджы.
Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2021
Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ
Законы ма хынцыд ӕрцӕудзысты бӕрндзинӕдтӕ дӕр, ӕнахъомты бартӕ ӕмӕ законон интерестӕ хӕлд куы ӕрцӕуой ӕвджиддартӕ ӕмӕ ӕвджиты органты рдыгӕй, уый фӕдыл.
Парламент бахаста барастгӕнинӕгтӕ социалон фӕдзӕхсты фарстыты фӕдыл хицӕн закондӕттӕг акттӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0