Цхинвалы ацыд рауагъдонты бал

© Sputnik / Natalia AiriyanВыпускной бал 2022
Выпускной бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацыд рауагъдонты бал. Республикӕйы скъолаты 500-мӕ ӕввахс рауагъдоны ӕмӕ сӕдӕгай ахуыргӕнджытӕ рацыдысты сырх гауызыл Театралон фӕзуаты.
© Sputnik / Natalia AiriyanРауагъдон бал 2022
Выпускной бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рауагъдон бал 2022
Сырх гауызыл ма рацыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан дӕр. Уый раарфӕ кодта рауагъдонтӕн сӕ царды ацы ахсджиаг бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтӕ.
"Махӕн нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын, нӕ фидӕн кӕй ис хорз къухты. Мах абон цин кӕнӕм нӕ фӕсивӕдыл, абон сымах хизут ас цардмӕ. Ма тӕрсут ӕбӕрӕгдзинадӕй, зындзинӕдтӕй, бӕллицтӕ ӕмӕ фӕндты тыххӕй хъӕуы тох кӕнын. Уӕд уын ӕнӕмӕнг бантысдзӕн, цы уӕ фӕнды, уый", - загъта Гаглойты Алан.
Президент ма бузныг загъта ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ ахуыр кодтой скъоладзауты 11 азы дӕргъы, ӕмӕ ныййарджытӕн, ахӕм хорз ӕмбӕстӕгтӕ кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй.
"Уадз ӕмӕ уӕ сӕрыстыр уа ӕппӕт Ирыстон", - бахахх кодта уый.
© Sputnik / Natalia AiriyanРауагъдон бал 2022
Выпускной бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рауагъдон бал 2022
Ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали раарфӕ кодта чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕн скъолайы фӕуды фӕдыл ӕмӕ зын загъта ӕнтыстытӕ, уӕлахизтӕ ӕмӕ стыр бӕрзӕндӕ басӕттыны фӕндиӕгтӕ.
© Sputnik / Natalia AiriyanРауагъдон бал 2022
Выпускной бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рауагъдон бал 2022
Афтӕ ма сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕддӕриддӕр, кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр хъуыды кӕной, кӕцӕй сты, кӕм сты сӕ уидӕгтӕ.
Мадзалы официалон хай адарддӕр ис бӕрӕгбонон концерт ӕмӕ дискотекӕйӕ. Фӕсивӕды раз ралӕууыдысты Ирыстоны Хуссар ӕмӕ Цӕгаты стъалытӕ. Бал ахицӕн бӕрӕгбонон фейерверкӕй.
© Sputnik / Natalia Airiyan

Рауагъдон бал 2022

Рауагъдон бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5

Рауагъдон бал 2022

© Sputnik / Natalia Airiyan

Рауагъдон бал 2022

Рауагъдон бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5

Рауагъдон бал 2022

© Sputnik / Natalia Airiyan

Рауагъдон бал 2022

Рауагъдон бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5

Рауагъдон бал 2022

© Sputnik / Natalia Airiyan

Рауагъдон бал 2022

Рауагъдон бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5

Рауагъдон бал 2022

© Sputnik / Natalia Airiyan

Рауагъдон бал 2022

Рауагъдон бал 2022 - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5

Рауагъдон бал 2022

1/5

Рауагъдон бал 2022

2/5

Рауагъдон бал 2022

3/5

Рауагъдон бал 2022

4/5

Рауагъдон бал 2022

5/5

Рауагъдон бал 2022

Ног хабӕртты лентӕ
0