Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ спецоперацийы райдианӕй скуынӕг кодтой 213 украинӕйаг хӕдтӕхӕджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ гарзджын тыхтӕ
УФ гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдианӕй уӕрӕсейаг ӕфсад скуынӕг кодта 213 украинӕйаг хӕдтӕхӕджы, фехъусын кодтой майрӕмбоны УФ хъахъхъӕнынады министрады.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 213 хӕдтӕхӕджы, 132 вертолеты, 1334 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 350 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3769 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 659 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3002 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3835 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0