Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Эрыстауты галуан

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Эрыстауты галуан
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районтæй Чысангомæн ис йæхи цымыдисон истори æмæ уникалон æрдз. Ацы районмæ фæндаг æрæджы æрцыд арæзт. 2008 азы онг районӕн йӕ фылдӕр хай уыд Гуырдзыстоны къухы. Уыцы хъуыддаг сраст 2008 азы хæсты фæстæ, æмæ ныр Ленингоры район æмæ дзы цы хъæутæ ис, уыдон сты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады бын.
Чысангомы æрдз тынг цымыдисон у, хауы альпиаг зонæмæ. Фæлмæн климат дзы ис, æмæ хъæздыг зæххытæ. Фæлæ куыд бирæ æндæр рæтты, афтæ ам дæр цæрджыты нымæц бæрæг фæкъаддæр ис.
Ацы ком фæстаг рæстæджы цымыдис æвзарын кæны æрцæуæггаг туристтæн. Ленингоры фæндагыл ис фембæлæн рагон кувæндæттыл, сæ иутæ дзы хауынц IX æнусмæ.
Фæлæ уæддæр йæ иууыл ахсджиагдæр бынат у Ленингоры Ксанты Эрыстауты галуан. Ацы бæстхай рагæй фæстæмæ ссис музей æмæ йын ис йæхи бирæ æнусон истори.
Галуан арæзт æрцыд 17 æнусы æмæ уыдис Эрыстауты сæйраг резиденци. Бæстыхай фылдæр баст у Шаншейы номимæ. Тæтæр-монголты рæстæгæй Чысангом уыд Эрыстауты къухы, уыдон цардысты Ларгуисы, уый фæстæ 1600 азы сæ цæрæн бынат 20 километр бын дæр æрхастой æмæ дзы сарæзтой галуан. Уæдæй фæстæмæ дзы 6 эрыстауы цард ацы галуаны.
Ног хабӕртты лентӕ
0