Дзырд хуызæн-имæ чи фидауы?

Дзырд хуызæн-имæ чи фидауы?
Рафыссын
Дзырд хуызæн-имæ бабæттæн ис æвирхъау бирæ æндæр дзырдтæн. Цымӕ кæй хуызæн у? кæнæ цæй хуызæн у? Уымæн дзуапп радтæм, уый тыххæй саразæн ис æнæнымæц дзырдбæстытæн хуызæн-имæ. Уæлдайдæр та æппæрццаг нысаниуæг кæмæн ис, уыдоны.
Уыдонæй иутæ арæхдæр вæййынц сылгоймаджы ныхасы, иннæтæ та – нæлгоймаджы. Алчи дæр базондзæн, зæгъæм, мæнæ ацы хъуыдыйад чи дзуры, сылгоймаг æви нæлгоймаг. Йæ былтæ сысчъилтæ кодта, йæхи сæнцъылдтæ кодта, цыма хъылма ахордта, уыйау æмæ зæгъы:
– Амæй дæр мæ уый æрхъуыди! Гуыбыннизы хуызæн (кæнæ: стыррыны хуызæн, хочъийы хуызæн, хорелайы хуызæн...
Кæнæ цыбырдæрæй, æнæ хуызæн-æй:
–Уæртае ци! Гуыббынниз (кæнæ: стыррын, хочъи, хорела...)
Кæд зæды хуызæн дæ, уæддæр уымæн ницы нысан ис: хочъи дæ чи рахуыдта, уый дæм уыцы уысм уый бæрц хæрам у, æмæ йын хочъийы ад кæныс, кæд хочъи цы у, уый зонгæ дæр нæ кæны, уæддæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны
Ног хабӕртты лентӕ
0