Ирыстоны алæмæттаг къуымтæ. Дзагъинайы галуан

Ирыстоны алæмæттаг къуымтæ. Дзагъинайы галуан
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттыл куы æрцæуы дзырд, уæд цæрджытæн сæ фылдæр се ‘ргом аздахынц Куыдаргоммæ кæнæ Урстуалгоммæ, уым хæххон пейзаж цæсты хауы.
Знауыры район нымад у фылдæр фæз бынатыл, ӕмӕ дзы хъæууон хæдзарадон хъуыддаг æнтысджын дæр у. Уый тыххæй Ирыстоны иууыл фенддаг къуымтæм нæ хауы. Фæлæ ацы комы ис историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм архитектурон цыртдзæвæнтæ, сæхи хъæздыг историимæ.
Знауыры районмæ фæндаг у хæрзарæзт, уый цалцæггонд æрцыд 2013 азы. Хъæутæн сæ фылдæр хай ис Пронейы доны дæлвæз.
Знауыры районы бирæ ис астæуккаг æнусмæ чи æрцыд арæзт, ахæм цыртдзæвæнтæ.
Рагæй фæстæмæ афтæ амынд у, æмæ Хуссар Ирыстоны алы хъæуы дæр иу мæсыг уæддæр хъуамæ уа, дзуары бæлас, аргъуан кæнæ та кувæндон, æнæмæнг нæу æмæ сисамад уа. Знауыры районы Дзагъинайы хъæу уыцы фæткæй алы хай дæр сæххæст кодта уæлдайджынтæй. Кæд мæсыг – уæд иууыл стырдæр, дзуар-бæлас, уæд иууыл рагондæр æмæ стырдæр сусхъæд.
Ног хабӕртты лентӕ
0