Иугонд Арабаг Эмираттæ банхъардтой Уæрæсейæн æххуыс Украинæимæ уацайрæгты баивыны

© Sputnik / Владимир АстапковичДубай
Дубай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Иугонд Арабаг Эмираттæ банхъардтой Уæрæсейæн æххуыс Украинæимæ уацайрæгты баивыны хъуыддаджы, фехъусын кодта РИА Новости ныхасæмбал.
"Иугонд Арабаг Эмиратты минæвæрттæ Украинæйы уавæр хынцгæйæ, бадзырдтой уæрæсейаг фарсмæ, цæмæй сын баххуыс кæной баивын æфсæддонты, кæцытæ бахаудтой уацары. Иугонд Арабаг Эмиратты хъæппæристæ хынцынц, украинæйаг фарс уацайрæгты номхыгъдтæ куы аразы, уæд", - радзырдта РИА Новости ныхасæмбал.
Июлы адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Татьяна Москалькова хъусын кодта, уымæ кæй бацыд бирæ куырдиæттæ украинæйаг уацайрæгты мæдтæй, кæцытæ курынц, цæмæй сын сæ лæппуты ма æрыздæхой, уымæн æмæ гæнæн ис бахауой репресситы, кæнæ та сæ ногæй фронтмæ арвитой.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0