Хуссар Иры депутатты къорд фæхæццæ кодта гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн Донбассы

© SputnikХуссар Иры депутатты къорд фæхæццæ клдта гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн Донбассы
Хуссар Иры депутатты къорд фæхæццæ клдта гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн Донбассы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ уыдысты Донбассы, уыдон фæхæццæ кодтой гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн. Депутат Мулдарты Гаррийы ныхæстæм гæсгæ, хъæппæрис хорзыл банымадтой парламентаритæ иууылдæр æмæ æнæмæнгхъæугæ æххуыс бакодтой сæ коллегæтæн. Депутатон къорды сконды ма уыдысты Санахъоты Давид, Дриаты Заза æмæ Медойты Дзамболат.

"Мах æрæмбырд кодтам æхцайы фæрæзтæ, сæ хайбавард бахастой æрмæст депутатон корпус нæ, фæлæ ма закондæттæг органы аппараты кусджытæ, æмæ горæты цæрджытæ, кæцытæ базыдтой нæ балцы тыххæй. Баххуыс нын кодта президент Гаглойты Алан дæр", - радзырдта Мулдарты Гарри.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон развæлгъау фæдзырдтой æфсæддонтæм æмæ базыдтой, цы сæ хъæуы, уый. Мулдарты Гарри банысан кодта, иуыл фылдæр сæ кæй хъуыд нуазыны дон.
"Иуыл сæйрагдæр у дон. Афтæ ма мах балхæдтам базайрæгтæ, кæцытæ нæ хæлынц, цардуагон хими æмæ æндæртæ", - радзырдта депутат.
Уый загъта бузныг алкæмæндæр, чи уыд семæ сæ балцы рæстæджы.
"Уыдон иууылдæр сты нæ фæсивæд, не ‘мгæрттæ, кæцытæ сты ум. Тынг нын баххуыс кодтой. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæйдæр сæ нæ федтам, уымæн кæцыдæр къордтæ сты дæрддзæф æмæ тæссаг районты", - загъта Мулдарты Гарри.
Депутат ма бахахх кодта, стабилон уавæр дзы кæй нæ уыд, æнæхъæн бон дзы уыд æхстытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддонтæ бузныг дзурынц хъусдард æмæ æххуысы тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0