"Мах сæрыстыр стæм не ‘взонг адæмæй" – президент раарфæ кодта Хуссар Иры фæсивæдæн

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Фæсивæды боны цытæн, хъусын кæны къуырисæры паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Мах сæрыстыр стæм не ‘взонг адæмæй, кæцытæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынц не ‘хсæнады алы къабазы дæр. Мах сæрыстыр стæм нæ спортсменты уæлахизтæй, сфæлдыстадон коллективты ирд ралæудтæй, скъоладзауты æнтыстытæй олимпиадæты æмæ æхсæнадæмон конкурсты", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент æрсидт фæсивæдмæ, цæмæй уæндонæй размæ цæуой æмæ æххæст кæной сæ бæллицтæ.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны сомбон ис уæ къухты", - бахахх кодта паддзахады сæргълæууæг.
Гаглойты Аланы цæст бауарзта фæсивæдæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ, нæсæтгæдзинад æмæ фидæны уæлахизтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0