Транскам байгом фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Транскавказы автомагистралы сног кодтой фæндагон змæлд транспорты алы хуызтæн дæр, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй Транскам сæхгæдтой сабаты сæрмагонд барамынды онг цъыфы зæйтæ æмæ дуркæлдтыты тыххæй.
"Транскавказы автомагистралыл 15.00 сахатæй фæстæмæ сног кодтой фæндагон змæлд транспорты алы хуызтæн дæр, æнæ арæнæвæрдтæй", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Йӕ дӕргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0