Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры

Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры
Рафыссын
Æвзаджы иунæг дзырд дæр æвдисæн вæййы адæмы миддунейы стырдзинадæн. Уыцы диссаджы дзырдтæй иу у фарн. Уый афтæ дард ауагъта йæ æнæнымæц къабæзтæ, хæссы ахæм стыр æмæ вазыгджын мидис æмæ цымыдис æфтауы, лæмбынæг æм чи æркæсы, уыдонæй алкæуыл дæр. Нæй æндæр æвзæгты иу дзырдæн дæр ахæм стыр мидис.
Æрмæст ацы иу дзырд дæр бæззы, цæмæй йæ ирон лæг бæрзонд сиса тырысайау æмæ йæ рахæсса адæмтæм, цæмæй æрмæст уый руаджы дæр равдиса, цавæр стыр фæндæгтыл æрцыд ирон дзыллæ абоны онг. Ирон адæймаг сæрыстыр у ахæм дзырдтæй. Æмæ уыдон дзæв­гар сты не ʻвзаджы.
Фарн у ирон лæджы арфæйы ахъаззагдæр фæрæзтæй иу: фарн уæ бынаты, фарн уæ хæдзары, фарн уæ бадты, уæ ныхасы, фæрнæйдзаг у, фæрнæй дзы кус, фæрнæй йæ фæдар, дунейы фарн дæ уæд.
Цыдæр стыр хорздзинад амо­ны фарн, фæлæ афтæ абстрактон ссис, æмæ йæ нал ахсæм, нал ын æнкъарæм йæ конкретон мидис. Фæлæ хъуыдыйæдты мидæг уæддæр чысыл фæбæлвырддæр вæййы ацы дзырды нысан. Æркæсæм дзы иу цалдæрмæ.
Къоста зæгъы: "Адæмы фарнæй къæдзæх дæр нын­нæры". Ома адæмы тых æмæ фæндæй æгомыг гоби къæдзæх дæр ныннæрдзæн. Æмæ иннæ ран та: "Гъей, джиди... Искуы æз дæр Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн кад æмæ сæр". Ома адæмы фарнæй куы суаин хайджын æмæ уый фæрцы кад æмæ сæр куы скæнин мæхицæн.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0