Джиоты Къоста: майрӕмбоны "Портал"-ы ацӕудзӕн цымыдисон концерт

Джиоты Къоста: майрӕмбоны «Портал»-ы ацӕудзӕн цымыдисон концерт
Рафыссын
Майрӕмбоны, 1 июлы, Арт-тыгъдад "Портал"-ы ацӕудзӕн концерт, хайад дзы райсдзысты Паддзахадон Аивӕдты лицейы музыкалон хайады ахуыргӕнинӕгтӕ. Тыгъдады къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Къоста куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ацы концерт цымыдисон уымӕй уыдзӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ музыкалон уацмыстӕ ӕххӕст кӕндзысты сӕ ныййарджытимӕ.
"Уый размӕ аивӕдты лицейы уагъд ӕрцыд ацы концерт, ӕмӕ тынг фӕцыд адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм ахӕм хъуыдымӕ, цӕмӕй йӕ "Портал"-ы равдисӕм", - загъта Къоста.
Къоста куыд банысан кодта, афтӕмӕй концерты фадат уыдзӕн байхъусӕн куыд класикон музыкӕ, афтӕ нырыккон композиторты уацмыстӕм дӕр.
Арт-тыгъдады къудариуӕггӕнӕг равдыста ныфс, ацы концерт ма ноджы ӕрцӕудзӕн фӕлхаттгонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0