Хуссар Иры президент снысан кодта хъæууон хæдзарады министры

© Sputnik / Наталья АйриянМæргъиты Алан
Мæргъиты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Мæргъиты Аланы республикæйы хъæууон хæдзарады министрæй снысан кæныны фæдыл. Мæргъиты Алан куыста ацы бынаты хицауады ивгъуыд сконды дæр (2021 азы февралæй).
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Мæргъиты Аланы Таймуразы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрæй", - дзырдæуы барамынды, кæцы ныммыхуыр кодтой президенты сайтыл.

Биографион справкæ

Мæргъиты Алан райгуырд Цхинвалы 1987 азы.
2008 азы фæцис Мæскуыйаг паддзахадон педагогон университеты менеджмент дæсниад.
2013 – 2015 азты ахуыр кодта Уæрæсейы адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы академийы.
2017 азы октябры Мæргъиты Аланы снысан кодтой паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон службæйы хистæрæй.
И сын æмкъай æмæ дыууæ сывæллоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0