Хуссар Иры РБМЦ фæфылдæр кодтой туаггуыр æвæрыны гуырахст

© Пресс-служба Минздрава РЮОГазификатор
Газификатор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Республикон бирæпрофилон медицинон центры радтой эксплуатацимæ ног газификатор туаггуыры æвæрыны фылдæр гуырахстимæ, хъусын кæны республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, ифтонггарз кæй хъæуы, цæмæй цыфæнды æнæштатон уавæры дæр фаг уа медицинон туаггуыр.
"Газификаторы скуыст фæфылдæр кæндзæн туаггуыры æвæрыны фадæттæ æмæ дзы æдæппæт гæнæн ис æвæрын 16 тонны, уый та фондз тонны фылдæр у ивгъуыд ифтонггарзæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, штатон режимы кусы туаггуыры станц æмæ ис туаггуыры фæстауæрц баллонты.
Ног хабӕртты лентӕ
0