Транскам у æхгæд. Трассæ сыгъдæг кæныны куыстытæ нырма дæр цæуынц

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik, Гæбæраты Элина. Транскавказы автомагистралы фæндагон змæлдыл нырма дæр ис тобæ дуркалд æмæ цъыфы зæйты æрцыды фæстæ. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайад.
"Трассæйыл уагъд цæуынц куыстытæ. Фæндаг куыддæр байгом уа, афтæ министрад фехъусын кæндзæн æмбæстæгтæн", - банысан кодта радгæсон.
Транскам сæхгæдтой сабаты сæрмагонд барамынды онг цъыфы зæйтæ æмæ дуркæлдтыты тыххæй. Къуырисæры бонæй трассæйыл фæндагон змæлд сног кодтой, фæлæ та йæ изæры фæстæмæ бахъуыд сæхгæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0