Генералон прокуратурӕйы цур арæзт æрцыд Æхсӕнадон совет

© Генеральная прокуратура РЮОГенералон прокуратурӕйы цур арæзт æрцыд Æхсӕнадон совет
Генералон прокуратурӕйы цур арæзт æрцыд Æхсӕнадон совет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы ацыд уагдоны Æхсӕнадон советы фыццаг рабадт.
Æхсӕнадон советы бындурӕвӕрды хъӕппӕрис раразмӕ кодта генералон прокурор хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Битеты Сергей. Йӕ барамындӕй фидар ӕрцыд Æхсӕнадон советы уагæвӕрд.

"Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Æхсӕнадон советы нысан у æхсæнад æмæ генералон прокуратурæйы æмархайдæн ахъаз кæнын. Уымæй дарддæр ма архайдзæн прокуратурæйы æмæ æхсæнады æнгомдзинадыл, æмбæстагон æхсæнады райрæзтæн æмæ Хуссар Иры адæмы бартæ хъахъхъæнынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.

Генералон прокуратурӕйы Æхсӕнадон советы скондмæ бацыдысты паддзахады разамынады дæлбар чи нæ ис, ахæм æхсæнадон организациты минæвæрттæ, дзыллон информаци фæрæзты минæвæрттæ, эксперттæ, зонад, ахуырад æмæ культурайы фадыджы кусджытæ. Йæ сæрдарæй æвзæрст æрцыд Гобозты Вячеслав.
Ног хабӕртты лентӕ
0