https://sputnik-ossetia.com/20220629/transkamy-na-lauuy-durkald-fananond-sluzhbama-kusynts-ya-rasygdag-kanynyl-17418376.html
Транскамы нӕ лӕууы дуркалд, фӕндагон службӕтӕ кусынц йӕ расыгъдӕг кӕныныл
Транскамы нӕ лӕууы дуркалд, фӕндагон службӕтӕ кусынц йӕ расыгъдӕг кӕныныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскамы автомагистралы дарддӕр кӕлынц дуртӕ, уый аххосӕй нӕй бӕстон информаци трассӕйы баконды тыххӕй, фехъусын... 29.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-29T13:05+0300
2022-06-29T13:05+0300
2022-06-29T13:44+0300
хуссар ирыстоны
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/865/76/8657690_0:0:2896:1629_1920x0_80_0_0_8fae2d67acf5e0dd26ed9e5c041701cf.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскамы автомагистралы дарддӕр кӕлынц дуртӕ, уый аххосӕй нӕй бӕстон информаци трассӕйы баконды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik федералон фӕндагон агентады цӕгаткавказаг автомобилон фӕндӕгты управленийы эксперт Тохъазты Артур.Уый ма зӕрдыл ӕрдартта, 27 июнӕй фӕстӕмӕ Транскамы ис вазыгджын уавӕр."27 июны Транскавказы ӕртӕ бынаты ӕрцыд цъыфы зӕйтӕ. Уыцы бон йӕ расыгъдӕг кодтой ӕмӕ ӕртӕ сахатыл фӕндаг скуыста 19.30 онг. Уый фӕстӕ рацыд ног цъыфы зӕй дуркалдимӕ 89 километры. Сыгъдӕг ӕрцыд, фӕлӕ дарддӕр кӕлынц дуртӕ", - бафтыдта уый.Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндаг ӕхгӕд у цалдӕр боны. Фӕндаг бакӕндмӕ бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Транскамыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/865/76/8657690_304:0:2896:1944_1920x0_80_0_0_02282f6f25abd4b04c4b46d03962bf05.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
Транскамы нӕ лӕууы дуркалд, фӕндагон службӕтӕ кусынц йӕ расыгъдӕг кӕныныл
13:05 29.06.2022 (Ранӕуӕггонд: 13:44 29.06.2022) ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскамы автомагистралы дарддӕр кӕлынц дуртӕ, уый аххосӕй нӕй бӕстон информаци трассӕйы баконды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik федералон фӕндагон агентады цӕгаткавказаг автомобилон фӕндӕгты управленийы эксперт Тохъазты Артур.
"Ӕртӕ суткӕмӕ ӕркалд фондз мин кубометры бӕрц. Куыстытӕ цӕуынц, архайы дзы аст иуӕджы техникӕ, фӕлӕ хъыг дары дуркалд", - загъта уый.
Уый ма зӕрдыл ӕрдартта, 27 июнӕй фӕстӕмӕ Транскамы ис вазыгджын уавӕр.
"27 июны Транскавказы ӕртӕ бынаты ӕрцыд цъыфы зӕйтӕ. Уыцы бон йӕ расыгъдӕг кодтой ӕмӕ ӕртӕ сахатыл фӕндаг скуыста 19.30 онг. Уый фӕстӕ рацыд ног цъыфы зӕй дуркалдимӕ 89 километры. Сыгъдӕг ӕрцыд, фӕлӕ дарддӕр кӕлынц дуртӕ", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндаг ӕхгӕд у цалдӕр боны. Фӕндаг бакӕндмӕ бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Транскамыл.