Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта æххуырст æфсæддонты цæттæкæнынады базæ Украинæйы

© AP Photo / Natacha PisarenkoУæрæсейаг авиаци скуынæг кодта æххуырст æфсæддонты цæттæкæнынады базæ Украинæйы
Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта æххуырст æфсæддонты цæттæкæнынады базæ Украинæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Уæрæсейаг авиаци фехста фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты цæттæкæнынады базæ Украинæйы, хъусын кæны РИА Новости Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон æфсад иттæг дырыс хæцæнгарзæй иу суткæмæ скуынæг кодта фæткдаруаты цыппар пункты, сæ нымæцы территориалон хъахъхъæнынады батальонты "Харьков-1" æмæ "Харьков-2", афтæ ма фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты цæттæкæнынады базæ горæт Николаевы районы", - дзырдæуы документы.
Афтæ ма скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты æфсад æмæ техникæ 32 районы, цалцæггæнæн базæ, хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты аст фæстауæрцы æмæ æртаджы базæ.
Уымæй дарддæр артиллери скуынæг кодта цæрæн пункт Питомникы районы Харьковы областы батальон "Кракен"-ы сæдæ æфсæддоны онг æмæ техникæйы дæс иуæджы.
Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой дыууæ хæдтæхæг Су-25 Харьковы æмæ Херсоны областты, афтæ ма вертолет Ми-8 Николаевы областы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0