Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл тӕрхондоны рабадт радон хатт аргъӕвтой

© Sputnik / Наталья АйриянТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы горӕты тӕрхондоны тӕрхонгӕнджыты коллеги цыппӕрӕмы радон хатт аргъӕвта Дзабиты Иналы мӕлӕты ӕмӕ Цхуырбаты Николайы фӕнӕмыны фӕдыл хъуыддагмӕ ӕркаст.
Радон рабадты бон нырма бӕрӕг нӕу.
Тӕрхондоны рабадт ахастой ныр дыккаг хатт, йӕ аххосаг вӕййы рабадты архайджытӕ кӕй не 'рбацӕуынц, уый. Ныр дӕр адвокатты фылдӕр хай уым нӕ уыдысты.
Дыццӕджы уымӕн йӕ аххосаг уыд Транскам ӕхгӕд кӕй уыд. Абон ахӕм объективон аххосӕгтӕ нал уыд.
Тӕрхондоны рабадты уынаффӕ цыд процессы архайджытӕй чи не рбацыд ӕнӕ уыдонӕй ауадзын рабадт, фӕлӕ уыцы хъуыдыйыл не сразы сты зианбаййафӕг Цхуырбаты Николай ӕмӕ азымджынты адвокат.

"Адвокаттӕн куы фехъусын кодтой тӕрхондоны рабадт, уӕд разыдзинад равдыстой, абон та не рбацыдысты",- загъта тӕрхонгӕнӕг Тыбылты Инал.

Дзабиты Иналы мӕлӕт ӕмӕ Цхыуырбаты Николайы фӕнӕмыны хъуыддаг сгары горӕт Цхинвалы тӕрхондоны сконд Тыбылты Иналы сӕргълӕудӕй. Йе сконды ма сты Кокойты Оксана ӕмӕ Брыкалова Мӕдинӕ.
Ацы хъуыддаджы фæдыл азымджынтæй æдæппæт цæуынц авд адæймаджы, уыдонæй дыууæ – Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Алан – сты ахæстоны.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
Ног хабӕртты лентӕ
0