Фарн æрцыди, цы ныхъхъус стут!

Фарн æрцыди, цы ныхъхъус стут!
Рафыссын
Адæмы миддунейы стырдзинад равдисынæн иу дзырд дæр фаг у. Ирон адæммæ уыцы диссаджы дзырдтæй иу фарн у. Дард ауагъта йæ æнæнымæц къабæзтæ, хæссы стыр æмæ вазыгджын мидис, цымыдис æфтауы, лæмбынæг æм чи æркæсы, уыдонæй алкæуыл дæр. Æндæр æвзæгты иу дзырдæн дæр ахæм стыр мидис нæй. Æмæ уый дзурæг у ирон адæмы цардыуаг, зонд æмæ хъуыдыйы фæзилæнтыл, стæй ирон æвзаджы æнахуыр фæрæзтыл дæр.
Цымыдисаг у уый дæр, æмæ фарн ис алцæмæн дæр. Æрмæст мæгуырау исты ма уæд, уый йеддæмæ. Фарн æвзæрдзинадимæ ницы хуызы фидауы. Фарн у æрмæст­дæр хорзы нысан. Табу дæр ын уымæн кæнынц. Мæнæ æвæджиау бирæ цæвиттонтæй иу цалдæр: æрдзы фарн, бæсты фарн, зæххы фарн, изæры фарн, хæдзары фарн, мыггаджы фарн, уазæджы фарн, бынаты фарн, агъуысты фарн, боны фарн, фын­джы фарн.
Абстрактон у фарны мидис. Алы цæвиттоны йын уымæн ис хицæн нысаниуæг... Амонд, хорздзинад, цины уац, бæллиц, уæларвон тых, цыдæр бардуаг, царды ныфс... Цасфæнды фæнымайæм, уæд дæр кæронмæ нæ бабæл­вырд кæндзыстæм фарны стыр мидис.
Зæгъынц, фарн, дам, равзæрдис дзырд хур-æй. Хуры æмдых у нæ ирон фарн. Дыгурмæ цуанонты ‘взаджы фарн абон дæр нысан кæны хур.
Цард фарнæй у. Фарн кæм ис, цард дæр уым вæййы. Фарн кæм ис, уым ис амонд, зæрдæрухс, бæркад, зард, худт, цины хъæлæба. Уымæн фæкæнынц: "Фарн æрцыди, цы ныхъхъус стут!".
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0