Хуссар Иры Генпрокуратурæйы фæдыл закон хъæуы оптимизаци кæнын – эксперт

© Sputnik / Natalia AiriyanГобозты Вячеслав
Гобозты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik, Козаты Диана. Генералон прокуратурæйы фæдыл законы хъæуы оптимизаци, банысан кодта уагдоны цур Æхсæнадон советы разамонæг Гобозты Вячеслав.
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы цур фыццаг хатт арæзт æрцыд Æхсæнадон совет. Йæ сæргъ слæууыд раздæры парламентари, политолог Гобозты Вячеслав.
"Законы хъæуы оптимизаци. Дыккаг президенты рæстæджы этапыл ацы законмæ хаст æрцыдысты ивындзинæдтæ, кæцытæ радтой уагдоны æгæр бирæ æххæстбартæ. Хъагагæн, законмæ бахастой ахæм уагæвæрдтæ, кæцытæ фæлæмæгъдæр кодтой паддзахадон æмæ æхсæнадон хъусдард ацы органмæ", - загъта Гобозты Вячеслав.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Æхсæнадон советы уæнгтæ бахæсдзысты сæ хъæппæристæ ацы фарсты фæдыл дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0