Кокойты Тарзан: Хуссар Ирыстоны парламентӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ республикӕйы райрӕзты

Кокойты Тарзан: Хуссар Ирыстоны парламентӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ республикӕйы райрӕзты
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон парламентаризмы бон нысан кӕнынц 30 июны ӕрвылаз дӕр 2018 азы Иугонд Нациты Организацийы Ассамблейы хаст куы ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Хуссар Ирыстоны республикӕ кӕд ӕвзонг паддзахад у, уӕддӕр йын йӕхи парламентаризмы истори ис. Фыццаг ӕрсидты депутат Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ республикӕйы райрӕзты парламентӕн ис стыр нысаниуӕг.
"Парламенты нысаниуӕг у, цӕмӕй ма руадза абсолютон къухдариуӕгад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ парламентӕн дӕр ис ахӕм хӕс. Фӕлӕ йӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у закондӕттӕг ӕмӕ адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕныны куыст", - загъта экс-депутат.
Кокойты Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, парламенты фыццаг къахдзӕфтӕ уыдысты тынг вазыгджын рӕстӕджы арӕзт, уӕды депутаттыл уыд уӕлдай бӕрн.
"Махӕн нӕ сӕйраг куыст уый нӕ уыд ӕмӕ законтӕ фыстаиккам, фӕлӕ нӕ сӕйраг куыст уыд нӕ адӕмы бахъахъхъӕдтаиккам гуырдзиаг фашистон агрессийӕ", - банысан кодта уый.
Бӕстондӕрӕй интервьюмӕ байхъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0