Литературон преми "Булæмæргъ" расидт кандидатты æвзæрст

© Fotolia / doris_bredowЛитературон преми "Булæмæргъ" расидт кандидатты æвзæрст
Литературон преми Булæмæргъ расидт кандидатты æвзæрст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт кандидатты æвзæрст литературон преми "Булæмæргъ"-мæ.
"Премимæ раразмæ кæнынц уацмыстæ, кæцытæ фыст æрцыдысты ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, афтæ ма уацмысты авторон тæлмацтæ. Премимæ раразмæ кæнæн ис романтæ, таурæгътæ, таурæгътæ кæнæ радзырдты æмбырдгонд, æмдзæвгæты æмбырдгонд, документалон прозæ æмæ мемуартæ", - дзырдæуы дипломатон минæварады пресс-службæйы хъусинаджы.
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ" сарӕзтӕуыд 2016 азы ирон ӕвзаджы популяризацийы нысаниуӕгӕн. 2020 азы премийы Совет бакодта номинаци автортӕн, кӕцытӕ фыссынц уырыссаг ӕвзагыл.
Ирон номинацийы фыццаг премийы бæрц у 60 000 сомы бæрц, дыккаг премии – 40 000 сомы, æртыккаг та – 30 000 сомы. "Уырыссаг" преми дӕттынц иу номинацийы 60 000 сомы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0