УФ æфсад скуынæг кодта украинæйаг æфсæддонты хæстæрмæджыты фондз фæстауæрцы

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæУФ æфсад
УФ æфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой иттæг дырыс ракетæтæй Украинæйы хæстæрмæджыты фондз фæстауæрцы, удæгас тыхтæ æмæ техникæ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой фондз фæстауæрцы хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытимæ Харьковы, Днеппропетровы областы, Северскы æмæ Бахмуты районты, афт ма Украинæйы Гарзджын тыхты удæгас тыхтæ æмæ техникæ 34 районы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Контрбатарейон тохы фæлгæтты уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæтæ "Ураган" æмæ "Град"-ы дыууæ взводы Светлодарск æмæ Авдеевкайы районты. Уымæй дарддæр ма Авдеевкайы цур скуынæг кодтой "Гиацинт-Б"-йы дыууæ артиллерион взводы.
"Оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой: фæткдаруаты 39 пункты, афтæ ма удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæ 218 районы", - бафтыдтой уагдоны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 224 хӕдтӕхӕджы, 134 вертолеты, 1400 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 353 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3859 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 698 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3059 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3916 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0