Цы амоны гæдыйы хуызæн?

Цы амоны гæдыйы хуызæн?
Рафыссын
Цы амоны гæдыйы хуызæн? Стæй кæмæй фæзæгъынц афтæ – адæймагæй, фосæй æви исты дзаумайæ?
Афтæ арæх фæдзурынц, рæз чи нæ схаста, чи фæхутъа ис, ахæм чызгæй: чысыл æмæ мæллæг... Лæппутæй дæр, чизоны, искуы исчи вæййы гæдыйы хуызæн, фæлæ нæлгоймаг, æмткæй сисгæйæ, нæл, фидардæр, ставддæр вæййы æмæ гæдыйы хуызæн у, зæгъгæ, нæлгоймæгтæй, иу стæм хатт йеддæмæ нæ фæдзурынц.
Дзырд "хуызæн"-имæ бабæттæн ис æвирхъау бирæ æндæр дзырдтæн. Цæмæй кæй хуызæн у? кæнæ цæй хуызæн у? Уымæн дзуапп радтæм, уый тыххæй саразæн ис æнæнымæц дзырдбæстытæн хуызæн-имæ. Нæй сын нымæц, нæй сын бахынцæн. Фæлæ æппæт уыдонæн сæ ахадындзинад æмгъуызон нæу. Абарæм кæрæдзийыл мæнæ ацы дыууæ хъуыдыйады:
Ацы фыстæй иу Аланы фысы хуызæн у æмæ... Алан фысы хуызæн лæг у…
Дыууæ хъуыдыйады дæр ис дзырдбаст фысы хуызæн, фæлæ уыдонæн сæ нысаниуджытæ бынтон æндæр æмæ æндæр сты. Фыццаг хъуыдыйады дзырд цæуы ууыл, зæгъгæ, цы фыс уындæуы, уый Бибойы фысы æнгæс у, уый хуызæн у. Цæмæй у уый хуызæн? Æвæццæгæн, асæй, хъусы бæрæгæй, йæ хъуынæй æмæ бирæ æндæр цæмæйдæрты. Ацы фыс Бибойы фысы хуызæн афтæ тыхджын у, æмæ гæнæн ис, æцæгæй дæр Бибойы фыс разына.
Дыккаг хъуыдыйады мидæг Алан кæд "фысы хуызæн у", уæддæр йæ ас, йæ хъусы бæрæг кæнæ фæхсыны æвæрдæй нæ, фæлæ бынтон æндæр миниуæгæй. Стæй бынтон фысы хуызæн куы уа, уæддæр ницы амалæй фыс нæ разындзæн.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0