Арсæг, Фæрныг, Хæрзамонд æмæ æндæр паддзахы аккаг нæмттæ

Арсæг, Фæрныг, Хæрзамонд æмæ æндæр паддзахы аккаг нæмттæ
Рафыссын
Алы номæн йæ райдианы уыд цыдæр нысаниуæг æмæ уыд хуымæтæджы дзырды хуызæн. Ныртæккæ цæрæгойтыл цыхуызæн мидисджын нæмттæ авæрæм, ахæм нæмттæ æвæрдтой раздæр адæймæгтыл дæр. Сæ нысаниуæг, зæгъæм, бынтон ирдæй зыны цæрæгойты мæнæ ацы нæмттæн: Хъилхъус, Гæрæм, Дзыгъуыр, Хъусой. Абоны нæмттæ, иу стæмтæй дарддæр, ницыуал амо­нынц.
Ирон паддзах Алгъуызы фырттæй иуæн йæ ном Хъусæг хуындис. Скифтæм иу ус паддзах Заринæ хуындис, ома сыгъзæрин. Ирæтты раздзог дыккæгæм æнусы Æмбазыг уыд. Иу гуырдзыйаг паддзахы ном хуынд Сауармаг, ома саукъухджын, иу æндæр зындгонд гуырдзыйаджы ном та Шарагас уыд, ома Сæрæгас.
Сæ нысаниуæг ирдæй кæмæн зыны, уыцы скифаг нæмтты ʻхсæн ис куыд цыты, афтæ хæрз хуымæтæг нæмттæ дæр. Цæвиттон, Фæрныг, Хæрзамонд, Одиард, Мæйы фарн, Стырсæр, Дзуары фарн, Беоргус, Дарæг, Хуæдарц, Арсæг, Анахарсис æмæ æндæр ахæм нæмттыл йæхи нæ атигъ кæнид нæ дуджы домæнтыл ахуыр адæймаг дæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0