Бестауты Георгийы бинонтӕ лӕвар кӕнынц Цхинвалы чиныгдӕттӕн фыссӕджы уацмысты ӕмбырдгонд

© Photo : Natalia AiriyanГеоргий Бестауты
Георгий Бестауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зынгӕ поэт, публицист, литературон критик æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Георгийы уацмысты ӕмбырдгонд ӕртӕ томӕй бинонтӕ лӕвар кӕнынц Цхинвалы ӕппӕт егъау библиотекӕтӕн, фехъусын кодта Sputnik фыссӕджы чызг Бестауты Зӕлинӕ
Бестауты Георгийыл 2022 азы сӕххӕст уыдаид 90 азы. Ацы аз уый цытӕн ацыд мысӕн мадзал, йӕ фӕлгӕтты та ацыд чиныг "Георгий Бестауты. Шаги в бессмертие"-йы презентаци, кæцы ныффыста историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг.
"Бестауты Георгийы бынтӕ 2004 азы ӕрӕмбырд кодта Джусойты Нафи. Чингуытӕ мыхуыр ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуы. Фыццаг дыууӕ томы ӕппӕт тираж 2008 азы хӕсты рӕстӕг фӕнык фестад мӕ чындзы хӕдзаримӕ иумӕ. Аирвӕзт ӕрмӕст, цы байуарын сфӕрӕзтам, уый", - загъта уый.
Горӕты библиотекӕтӕ ӕмӕ чиныджы дунейы дуканимӕ ныр лӕвӕрд цӕуынц бинонтӕ ма ӕртӕтомонӕй цы самал кодтой, уый.

"Дзӕуджыхъӕуы рауагъдады ма фыццаг дыууӕ томӕй баззад 70 экземпляры. Уыдон балхӕдтам ӕмӕ ма сӕм ӕртыккаг том дӕр бамбал кодтам, уыдон ӕххӕст ӕмбырдӕй дӕттӕм Цхинвалы библиотекӕтӕм, алкӕмӕн дӕр фӕйнӕ дыууӕ ӕмбырдгонды. Аннӕ хай та уыдзӕн чынгуыты дунейы, цӕмӕй Бестауты Георгийы бынтӕ алкӕмӕн дӕр бакӕнынӕн фадат уа", - бафтыдта Бестауты Зæлинæ.

Бестауты Георгий литературон фӕндагыл слӕууыд 1952 азы. Дыууӕ азы фӕстӕ мыхуыры рацыд йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕ "Тӕрккъӕвда". Уӕлдай рахицӕн кӕнинаг сты йӕ тӕлмацтӕ. Уый ирон ӕвзагмӕ раивта "Стайы цармдарӕг" ӕмӕ "Ӕгъуызы кадӕг".
Ног хабӕртты лентӕ
0