Мит ма искуы сойы хуызæн вæййы?

Мит ма искуы сойы хуызæн вæййы?
Рафыссын
Æниу, æвæдза, мит дæр алыгъуызæттæ у. Тъæнджы мæйы зæхх куы ныссæлы æмæ ирдгæ хуынчъытæ æмæ æлхысчъытæ куы фæкæны, уæд мит сойы хуызæн ницы амалæй уыдзæн. Ахæм рæстæджы сойы хуызæн у тæвд пецы фарсмæ хъарм хæдзары. Фæлæ уыцы тæвд пецы фарсмæ июлы æнтæф боны сойы хуызæн нал уыдзæн, кæд хæдзары бирæ хъармдæр уа, уæддæр.
Ацы дзырдбастытæн ис стыр стилистон æмæ эмоцион ахадындзинад. Æмæ иугæр афтæ у, уæд сæ кой ракæнын хъæуы уыдонæй сæ иуæй-иутæн, сæ "дзæбæхдæртæн". Ацы дзырдбастытæн се ‘мбисы бæрц æппæрццаг миниуджытæ æвдисынц æмæ цы ‘нкъарæнтæ фæзынын кæнынц, уыдон дæр ахæм вæййынц. Уыдонæй иутæ адæймагмæ хауынц, адæймаджы бæрæг кæнынц.
Хуссар Ирмæ фехъусæн ис мæнæ ахæм ныхæстæ дæр: цуайнаджы хуызæн кæнæ чъецийы хуызæн – сæ дыууæ дæр, æцæг, сатæг-сау сты. Йæ фырнæрдæй стыр гуыбын кæуыл ис, стæй ахæрынмæ, аназынмæ рæвдз чи у, уый фæхонынц гарзы хуызæн кæнæ боцкъайы хуызæн, мæллæг æмæ даргъ адæймаджы та – лæдзæджы хуызæн.
Куы фехъусæм дзынгайы хуызæн, уæд та нæ цæстытыл хъуамæ ауайа æнæуд, рог адæймаг. Фыдуындæн кæнæ кæмæ бамæсты вæййынц, уымæн бафидис кæнынц: фыдмиаджы хуызæн, хæйрæджы хуызæн, гуыбыннизы хуызæн, удхæссæджы хуызæн, хорелайы хуызæн, хочъийы хуызæн, уæнгæлы хуызæн...
Гæбæраты Никъалайы чиныг "афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0