Уникалон структурæ: Уæрæсе æмæ Хуссар Иры МХМ ИКЦ банысан кодта æхсæзæм афæдзыбон

© Sputnik / Natalia AiriyanИКЦ сæвзæрды бон
ИКЦ сæвзæрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) информацион-координацион центры (ИКЦ) ацыд бæрæгбонон æмбырд уагдоны сæвзæрды фæдыл бадзырд бафыссыныл æхсæз азы сæххæст.
Бæрæгбонмæ фæхуыдтой паддзахады къухдариуæгады президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма УФ минæвар республикæйы Марат Кулахметов.
Центры директор Василий Шепелев радзырта президентæн ацы азы фыццаг хайы куысты хатдзæгтыл, афтæ ма снысан кодта сæйраг здæхтытæ.
Шепелев бахахх кодта, сæ штаты кæй ис 30 кусæджы. Афтæ ма, директоры ныхæстæм гæсгæ, ИКЦ къухдариуæгад тырны аразын хорз уавæртæ кусджытæн.
© Sputnik / Natalia AiriyanИКЦ сæвзæрды бон
День образования ИКЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2022
ИКЦ сæвзæрды бон
Президент Гаглойты Алан банысан кодта, ИКЦ кæй у уникалон структурæ.
"Уый у æхсæнпаддзахадон барадхъахъхъæнæг структурæйы арæзтады цæвиттон. ИКЦ фадат дæтты æххæст кæнын комкоммæ бастдзинад дыууæ бæстæйы министрæдты хсæн. Уагдон æцæг æххуыс кæны барадхъахъхъæнæг органтæн, хайбавæрд хæссы республикæйы æдасдзинад сæххæст кæнынмæ. Арфæ кæнын центры къухдариуæгад æмæ кусджытæн сæвзæрды æхсæзæм афæдзы боны цытæн", - бахахх кодта президент.
Центры кусджытæн ма раарфæ кодтой МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий æмæ уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов.
Æмбырды рæстæджы бавдыстæуыд видеоролик центры куысты фæдыл. Уый фæстæ уазджытæ бабæрæг кодтой ИКЦ объекттæ.
© Sputnik / Natalia Airiyan

ИКЦ сæвзæрды бон

ИКЦ сæвзæрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4

ИКЦ сæвзæрды бон

© Sputnik / Natalia Airiyan

ИКЦ сæвзæрды бон

ИКЦ сæвзæрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

ИКЦ сæвзæрды бон

© Sputnik / Natalia Airiyan

ИКЦ сæвзæрды бон

ИКЦ сæвзæрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4

ИКЦ сæвзæрды бон

© Sputnik / Natalia Airiyan

ИКЦ сæвзæрды бон

ИКЦ сæвзæрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4

ИКЦ сæвзæрды бон

1/4

ИКЦ сæвзæрды бон

2/4

ИКЦ сæвзæрды бон

3/4

ИКЦ сæвзæрды бон

4/4

ИКЦ сæвзæрды бон

Ног хабӕртты лентӕ
0