Уыдзӕн национ: Цхинвалы равзардзысты хуыздӕр зарӕггӕнджыты

© Fotolia / CarloscastillaЦхинвалы равзардзысты хуыздӕр зарӕггӕнджыты
Цхинвалы равзардзысты хуыздӕр зарӕггӕнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цыппӕрӕм хатт ацӕудзӕн музыкӕйы фадыджы преми "Ӕрфӕны фӕд". Ацы аз преми хъуамӕ суа ӕппӕтнацион, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Мамиты Григорий.
Ӕрвылазон преми лӕвӕрд цӕуы куыд номдзыд артисттӕн, афтӕ ӕвзонг зарӕггӕнджытӕн, кӕцытӕ ахадгӕ хайбавӕрд бахастой национ аивадмӕ. Преми дӕттыны цытджын церемони ӕвдыст фӕцӕуы ПТРК "Ир" эфиры.
"Мах бавнӕлдтам куыстмӕ, скъуыддзаг цӕуынц организацион фарстытӕ. Ист цӕуынц куырдиӕттӕ", - загъта Мамиты Григорий.
Ивгъуыд азы премийы лауреатты нымӕцы ис куыд Хуссар Ирыстоны, афтӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕртӕ дӕр.
"Мах фӕнды саразын преми ӕппӕтнацион. Мах хонӕм дунейы ӕппӕт ирӕтты, ӕрмӕст зарӕг хъуамӕ ӕххӕст кӕной иронау", - бахахх кодта организатор.
Преми "Ӕрфӕны фӕд" лӕвӕрд цӕуы хуыздӕр зарӕггӕнджытӕн паддзахадон телеуынынады версимӕ гӕсгӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0