Ирон нæмтты фæдыл уацы тыххæй

Ирон нæмтты фæдыл уацы тыххæй
Рафыссын
Къаннæг уацты нæй фадат æппæт фарстытыл лæмбынæг æрдзурынæн. Уымæ гæсгæ сæ автортæ архайынц, цæмæй равдисой, цы адæмыл фыссынц, уыдоны нæмтты сæйраг хиæдтæ, спецификон миниуджытæ. Ирон нæмттæ чиныджы бирæ кæй ис, уый, чизоны, мæгуырау нæ уыдаид, автор сæ хъавгæ куы ранымадтаид æмæ сæ хуыздæр куы равзæрстаид, сæ хиæдтæ сын дзæбæхдæр куы равдыстаид, уæд.
Уый бæсты, автор йæ уацмысмæ бахаста, цæуыл хæст кодта, æппæт уыцы нæмт¬тæ, куыддæртæ сæ фæхицæнтæ кодта цалдæр къордыл: адон, дам, сыгъдæг ирон нæмттæ сты, адон уæртæ уыцы адæмæй райстам, иннæты та... Афтæмæй, чиныгæн æддейæ баззадысты нæ фыдæлты парахат нæмттæ (Ацæмæз, Хох, Уырызмæг, Сослан, Батыр, Саулæг, Тотырадз, Тох, Æхсар...).
Фæлæ уыдон бæсты ам разындысты, иустæм хатт кæмдæр чи æмбæлы, уыцы Астан, Узник, Ама, Тъох, Адеш æмæ æндæр ахæмтæ. Автор куыд зæгъы, афтæмæй нæм арæх сты нæмттæ Китай, Марокко, Тавриз, Испъан, Тегеран, Душанбе, Арарат æмæ бирæ æндæр ахæм диссæгтæ. Ном æвæрыны хъуыддаджы, кæй зæгъын æй хъæуы, фæвæййы курьезтæ дæр (худæг цаутæ). Фæлæ курьез закъон нæу, æмæ æцæгæй цы ис, уый та йæ номæй зæгъын хъæуы.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0