Ирыстоны алæмæттаг къуымтæ. Шихантуры цӕхцӕрӕг

Ирыстоны алæмæттаг къуымтæ. Шихантуры цӕхцӕрӕг
Рафыссын
Дзауы районы ис бæрзонд хæххон хъæу – Шихантур. Кæд стыр хъæу нæу, уæддæр йæ бынат ис хæхты алыварс æмæ у тынг диссаджы рæсугъд.
Хъæу диссаджы бынаты ис. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цымæ йæхи чысыл куы сиваза, уæд арвмæ къухæй баххæсдзæн æмæ мигътæм февналдзæн.
Уыцы уæрæх комы уæлдæф цыма уæлдай æнцонтæй цæуы уæнгты, æмæ адæймаг йæ риуы мбæрц сулæфы.
Нæ балцы сæйраг нысан уыд Шихантуры цæхцæрæгмæ бацæуын. Бынæттон цæрджыты бафарстам фæндаг кæуылты цæуы, уыдон нын бацамыдтой æмæ нæ балц адарддæр кодтам.
Ног хабӕртты лентӕ
0