Хуссар Иры адæм алыхатт дæр хъуыды кæндзысты Венесуэлайы æнцой – Гаглойты Алан

© Sputnik / Алексей КовалевВенесуэла
Венесуэла  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Ирыстоны адæм алыхатт дæр хъуыды кæндзысты æнцой, кæцы Венесуэла æххæст кодта республикæйæн йæ хæдбардзинад йын банымайгæйæ, банысан кодта Гаглойты Алан йæ арфæйы телы Николас Мадуромæ Венесуэлайы Хæдбардзинады боны цытæн.
Венесуэла фæндзæм июлы нысан кæны йæ националон бæрæгбон – Хæдбардзинады бон. 1810 азы 19 апрелы Каракасы райдыдта адæмон растад, кæцы нымайынц Испанийæ хæбардзинады хæсты райдайæныл. 1811 азы 5 июлы Венесула нымад æрцыд хæдбар республикæйыл, ацы бон уый фæстæ у Хæдбардзинады бон.
"Боливарианаг Республикæ Венесуэлайы хæдбардзинад расидыны боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй арфæ кæнын Дæуæн æмæ Венесуэлайы адæмæн", - хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Арфæйы тексты дзырдæуы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны Боливарианаг Республикæ Венесуэлаимæ хæларадон ахастытæн æмæ нывæндынц дарддæр райтынг кæнын паддзахæдты хсæн æмархайд.
Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы сентябры Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0