Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады инженерон дæлхайады кусджытæ сæвæрдтой æфсæддон хид Дзауы районы Згъуыбиры хъæуы районы, цы ран июны хид фæласта тæрккъæвда, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
В верховьях Большой Лиахвы установлен военный мост - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
Ивгъуыд мæйы кæрон тæрккъæвдаты фæстиуæгæн раивылдта цæугæдон Сыба. Дон фæласта хид, уый аххосæй Сыба æмæ Згъуыбиры хъæуты баззадысты бынæттон цæрджытæ æмæ уазджытæ. Фæстæдæр сæ сэвакуаци кодтой УУМ ирвæзынгæнджытæ.
"Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы хæслæвæрдмæ гæсгæ Хъахъхъæнынады министрады инженерон дæлхайæдтæ сæвæрдтой згъæрæй хид МТУ-20 Дзауы районы Згъуыбиры цæрæн пункты районы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, хидæй кæй пайда кæндзысты цалынмæ ног саразой, уæдмæ.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, хид фæразы авд тонны онг, уый фæдыл дзы ацæуæн ис автотранспортæн дæр.
© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
В верховьях Большой Лиахвы установлен военный мост - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Хуссар Иры æфсæддонтæ сарæзтой хид Згъуыбиры хъæуы цур
Хъахъхъæнынады министрады ма фехъусын кодтой, хидæвæрджытæ МТУ-20 радта Хуссар Ирыстонæн уæрæсейаг хъахъхъæнынадон уагдон бафысгæ бадзырдты фæлгæтты.
Куыстытæ уагъд цыдысты хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимиры хъусдарды бын. Хид æмæ йæ бацæуæнты уавæр æрвылбон сгарынц министрады инженерон службæйы къухдариуæгад.
Ног хабӕртты лентӕ
0