Тӕрхондон снысан кодта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл ног рабадт

© Sputnik / Наталья АйриянТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы горӕты тӕрхондоны тӕрхонгӕнджыты коллеги цыппӕрӕмы ӕркӕсдзӕн Дзабиты Иналы мӕлӕты ӕмӕ Цхуырбаты Николайы фӕнӕмыны фӕдыл хъуыддагмӕ, фехъусын кодтой Sputnik тӕрхондоны пресс-службӕйы.
"Тӕрхондоны рабадт нысан у цыппӕрӕмы дӕс сахатмӕ. Уымӕй размӕ тӕрхондоны рабадт дыууӕ хатты аргъӕвтой адвокаттӕ кӕй не рацыдысты, уый аххосӕй", - загътой уагдоны.
Дзабиты Иналы мӕлӕт ӕмӕ Цхыуырбаты Николайы фӕнӕмыны хъуыддаг сгары горӕт Цхинвалы тӕрхондоны сконд Тыбылты Иналы сӕргълӕудӕй. Йе сконды ма сты Кокойты Оксана ӕмӕ Брыкалова Мӕдинӕ.
Ацы хъуыддаджы фæдыл азымджынтæй æдæппæт цæуынц авд адæймаджы, уыдонæй дыууæ – Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Алан – сты ахæстоны.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты
Ног хабӕртты лентӕ
0