Цхинвалы ацӕудзӕн дуне ӕмӕ советон кинематографийы изӕртӕ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæ"Кавказская пленница, или новые приключения Шурика"
Кавказская пленница, или новые приключения Шурика - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы горӕты администрацийы культурӕ, спорт ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл дӕлхайад срӕвдз кӕндзӕн советон периоды зындгонд кинонывты гом равдысттӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта дӕлхайады хистӕр Тасойты Игорь.
Равдысттӕ цӕудзысты къуыри дыууӕ хатт театралон фӕзуатыл дыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны. Фыццаг мадзал нысан у 8 июльмӕ.
"Ӕвдыст цӕудзысты зындгонд кинонывтӕ Советон рӕстӕгӕй. Сӕ нымӕцы советон кино, италиаг, индиаг ӕмӕ ирон кино дӕр. Нӕ нывӕзты сты "Кавказская пленница", "Фантомас", "Танцор диско" ӕмӕ ӕндӕртӕ", - загъта уый.
Горӕты администрацийы культурӕйы дӕлхайад аскъуыддзаг кодта Ирон хъазт баивын киноравдысттӕй. Се 'скъуыддзаджы уыдон бахынцыдтой Хуссар Ирыстоныл бирӕ зиӕнттӕ рцыд, фӕсивӕдӕй фӕхъуыд 17 хӕстоны Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы Украинӕйы.
Кино ӕвдыст цӕудзӕн театралон фӕзуаты сценӕйыл, развӕлгъау бӕрӕг у, кӕй бацӕттӕ кӕндзысты 70 бынаты бӕрц.
Кинойы равдысты размӕ та сценӕйыл демонстраци цӕудзӕн мультфильмтӕ сабитӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0