Украинæйы сæрмагонд операци балхынцъ уыдзæн æппæт хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæй – Шойгу

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæ Уæрæсейаг æфсæддонтæ
 Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. УФ хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу селекторон рабадтыл фехъусын кодта, Украинæйы сæрмагонд операци кæй балхынцъ уыдзæн æппæт хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæй. Министр бахахх кодта, абоны бон приоритет кæй у бавæрын уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ граждайнаг цæрджыты æнæниздзинад æмæ цæрдтæ.
"Абоны бон нæ сæйраг приоритеттæ сты - бавæрын уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ граждайнаг цæрджыты æнæниздзинад æмæ цæрдтæ. Сæрмагонд æфсæддон операци адарддæр уыдзæн æппæт хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны онг, кæцытæ нын радта уæлдæр командæгæнæг", - хъусын кæны Сергей Шойгуйы ныхæстæ РИА Новости.
Рабадты рæстæджы ма Шойгу фехъусын кодта, Уæрæсе кæй сарæзта дыууæ гуманитарон къæлидоры Сау æмæ Азоваг денджызты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, аиуварс кодтой минæты тæссагдзинад Мариуполы порты акваторийы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0