Абхазы бакодтой мемориалон фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг фæмардуæвæг бархионтæн

© Sputnik / Томас Тхайцук Абхазы бакодтой мемориалон фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг фæмардуæвæг бархионтæн
Абхазы бакодтой мемориалон фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг фæмардуæвæг бархионтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстонæй бархионтæ Кокойты-Петров Роберт, Мæргъиты Ацæмæз æмæ Сиукъаты Джемалæн, кæцытæ фæмард сты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, бакодтой мемориалон фæйнæджытæ Гуманистинаг хиды цур, хъусын кæны Sputnik Абхаз.
Бархионтæ фæмард сты 1992 азы Гаграг размæбырсты рæстæджы. Роберт æмæ Джемалæн мæлæты фæстæ радтой Абхазы Хъайтарты ном, Мæргъиты Ацæмæзы та схорзæхджын кодтой Леоны Орденæй.
"Цалынмæ не хсæн ис хæларад, уæдмæ нæ фæмардуæвджыты мысæн уыдзæн удæгас", - хъусын кæны агентад Абхазы президенты Цæгат Кавказæй бархионтæ-ветерантимæ æмархайды фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Рисмаг Аджинджалы ныхæстæ.
Хуссар Ирыстонæй Абхазмæ фыццаг ацыд 57 адæймаджы скондæй къорд Хуыбылты Валерийы къухдариуæгады бын. Хæстонтæ ахызтысты Марухаг æфцæджы сæрты, активон хайад истой позицион тохты Гумистинаг æмæ Гаграг хъахъхъæнынадон здæхтытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0