Ард - нæ фыдæлты стыр дзырдтæй иу

Ард - нæ фыдæлты стыр дзырдтæй иу
Рафыссын
Дзырд ард æппæтæй хуыздæр фидауы хæрынимæ. Ард бахæрын амоны фи­дар дзырд раттын. Æмæ уыцы дзырд басæттын хъуамæ расайа стыр бæллæхтæ. Раст адæймагæн ам ард бахæрын хæрз æнцон у.
Дзырдтæ кæрæдзи фæрцы цæрынц, кæрæдзи æх­хуысæй, кæрæдзийыл бастæй. Уыдонæй бирæтæ, æфсондзы галтау, "ифтыгъд" вæййынц нæ ныхасы мингай æн­дæр дзырдтимæ. Райсут, зæгъæм, дзырд дон. Цал æндæр дзырдимæ фембæлид нæ ныхасы? Ранымайут: хъарм дон, фæткъуыйы дон, къæвдайы дон, дон рафыхтис, дон акалдис, дон банызтам... Нымæц дæр сын нæй. Ноджы диссаг та мивдисджытæ сты. Сисут искæцы мивдисæг æмæ бафæлварут рахатын, цавæр дзырдимæ не сфидауид.
Ард хæрын нæлгоймæгтыл фидауы. Сылгоймæгтыл та – сомы кæнын. Æмæ æппынæдзух сеʻвзагыл бады. Æвæццæгæн ын уымæн нæй стыр уæз дæр. Нæлгоймæг­тæм ард хæрын стæм у. Не ссис иударон æмæ уымæн у афтæ карз. Сомы кæнын фæлмæндæр ныхас у, кæд æй иуæй-иу къуыдипп сылгоймæгтæ ныккарз кæнынц, уæддæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0