Ирон цæсгом цæмæй конд у æмæ цы нысан кæны?

Ирон цæсгом цæмæй конд у æмæ цы нысан кæны?
Рафыссын
Цæсгом амоны адæймаджы сæры раззаг хай æмæ конд у дыууæ дзырдæй: цæст æмæ ком-æй. Кæй зæгъ ын æй хъæуы, цымыдисаг у: сæрыл æндæр цыдæртæ дæр зайы – роцъо, ных, фындз, рустæ, уадултæ... Фæлæ цæсго­мы ном уыдонæй нæ сырæзт. Ных, рoцъо, рустæ... Адон æгæр кæронæй сты, æгæр æддейау сты.
Æцæгдæр фындз цæсгомæн йæ тæккæ астæу бады æмæ хъуамæ исты хайад райстаид цæсгомы ном саразыны. Фæлæ ницы хайад райста. Абарут-ма сæ кæрæдзийыл: цæстытæ, ком, (дзых) æмæ фындз... Фындз уыдон цур ницыгомау у, ницы уыйбæрц кад ын ис. Куы тæдзгæ фæкæны, куы та, сæр æй кæм нæ хъæуы, уым дæр йæхи фæтъыссы. Æниу фындз дæр бын­тон æгуыдзæг нæу. Смудгæ уый руаджы кæнæм, стæй ма æндæр дзырдты сконды дæр ис: фындзджын кæд фидауцы нысан нæу, уæддæр цыдæр мидис амоны; дзырд фыццаг дæр, дам, уымæй у. Фæдзурынц ма фындзы хъæл, фындзæфтыды хай фæуын, фындзы бын...
Фæдзурынц ма: цæсгом армыдзаг йеддæмæ нæу... æмæ йæ бамбæрз, бамбæхс, ма йæ суадз, ма йæ æвдис. Æмæ ноджы: Уымæн фидар цæсгом ис кæнæ фидар цæсгомы хицау у. Афтæ фæзæгъынц æдзæсгомæй. Ахæмæн йæ цæсгом алцыдæр хъæцы, ома, æфсæрмытæ нæ зоны, лыстæджытæ нæ луары. Æмæ йæ цæсгом нæ хъæцы та æфсæрмдзæстыджыны нысан у.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0